Хъаныхъуаты Ремзи раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн ирон адæмы хæдбардзинады банымайын æмæ уæлахизы боны фæдыл
26 августа 2020 годаРеспубликæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Турчы Республикæйы Хъаныхъуаты Ремзи раарфæ кодта Президент Бибылты Анатолийæн ирон адæмы хæдбардзинады банымайын æмæ уæлахизы боны фæдыл.
Арфæйы телы дзырдæуы:
«Цытджын Президент!
Ирон адæмы 12-æм хæдбардзинады банымайын æмæ уæлахизы боны фæдыл зæрдийаг арфæйы ныхæстæ зæгъын дæуæн æмæ æппæт Хуссар Ирыстоны цæрджытæн! Нæ зынгхуыст æфсæддонтæ æмæ Ирыстоны хуымæтæг цæрджытæ сæ цард куы радтой уæлахизы æмæ хæдбардзинады тыххæй, уыцы бонтæ нын никуы ферох уыдзысты.
Сæрмагондæй та кад кæнæм Уæрæсейы Падзахадæн, уыцы историон уынæффæты тыххæй.
Ацы бон мæ зæрдæ зæгъы Хуссар Ирыстоны Республикæйы цæрджытæн алы хæрзтæ æмæ фидардзинад».