Арфæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл
15 мая 2020 годаЗынаргъ æмбæстæгтæ!
Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл!
Ацы нысаниуæгджын бæрæгбон фидаргонд æрцыд 2003 азы Хетæгкаты Къостайы æвæджиауы «Ирон фæндыр» рухсмæ 1899 азы 15 майы кæй фæзынд, уый тыххæй. Уæдæй фæстæмæ йæ æрвылаз дæр нысан кæнæм уæрæхæй, Ирыстонæн æддейæ дæр. Хъыгагæн, ацы аз нын, коронавирусы пандемиимæ баст къуындæг авналæнтæ нæ радтой бæрæгбонон мадзæлттæ ауадзыны фадат.
Фæлæ уымæй иу мисхалы бæрц дæр не рныллæг сты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахадындзинад æмæ нысаниуæг, нæ дæр бæрæгбоны ахсджиагдзинад.
Æвзаг йæ нысаниуæгмæ гæсгæ нымад цæуы сæйраг историон-культурон хæзнайыл, адæмы удæгас мысынад æмæ йæ истори дарддæр кæнæгыл. Æнусты æхсæнты нæ кадджын фыдæлтæ сæ фæстагæттæм ралæвæрдтой нацийы сæйраг æргъад – мадæлон æвзаг. Уый иу æмæ дыууæ хатты нæ ныллæуыд сæфты къахыл дæр. Хуымæтæджы нæ рантыстысты мыййаг ирон советон литературæйы классик Дзуццаты Хадзы-Муратæй мæнæ ахæм фæдисмæсидæг рæнхъытæ:
Ме взаг –
Ирон лæджы хъарæг.
Ме взаг –
Ирон лæджы зарæг.
Чи дыл нæ фæлвæрдта тых,
Чи дæ нæ мардта!
…
ма тæрсут,
Не взаг ис немæ
Æмæ та йемæ
Ногæй ферттивдзæн не хсар дунемæ!
Махæн нæ тыхтæ здæхт сты уымæ, цæмæй нæ фæстагæттæн бахъахъхъæнæм уыцы æвзаг, кæцы махы онг фæхæццæ кодта фыссынады бæрзонддæр цырт – Нарты эпос, уыцы æвзаг, кæцыйыл сфæлдыстæуыд Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Джусойты Нафи æмæ Джыккайты Шамилы æвæджиауы сфæлдыстад.
Ирон æвзаджы фидæн хъахъхъæд цæуы «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æвзæгты тыххæй» Конституцион закъон æмæ ирон æвзаджы рæзты программæйæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уæвынад кæны ирон æвзаг бахъахъхъæнын, рæзын æмæ ахуыр кæныны фæдыл иудадзыг архайæг къамис.
Не взаджы дæснытæ уæхскуæзæй кусынц мадæлон æвзаг райдиан æмæ астæуккаг скъолатæн амоныны фæдыл æмбæлон ахуыргæнæн-методикон литературæ бацæттæ кæныныл, ирон мыхуырон продукци уадзынæн ис паддзахадон æххуыс.
Мах нырæй фæстæмæ дæр æппæт тыхтæ здахдзыстæм мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæнынмæ. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон æвзаг бахъахъхъæныны хъуыддаджы сæйраг сты бинонтæ. Хæдзары мад ноггуырды «Алолай» зарæгимæ куы уза, сывæллæттæн аргъæуттæ æмæ Нарты эпосæй кадджытæ куы кæна, хистæртæ иронау куы кувой, уæд ын тас нæу санскрит æмæ æндæр амæлæг æвзæгты хъысмæтæй.
Мæ зæрдæ уын зæгъы, зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ, сабырад, амонд æмæ монон хъæздыгдзинад! Уадз æмæ алы хæдзары, алы бинонты дæр æлдариуæг кæнæд æнæниздзинад æмæ фæрныгад.
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, зынаргъ хæлæрттæ!