Следующие новости

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы национ æхæстдзинæдты фарстаты фæдыл Министр Цуциты Аслан раарфæ кодта Президент Тыбылты Леонидæн Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Зынаргъ Харитоны фырт Леонид!

Зæрдæбын арфæ дын кæнын Лæгдзинад æмæ иудзинады бæрæгбоны фæдыл.

Ацы стыр бон нæ зæрдыл дарын кæны 1989 азы цаутæ – нæ хуссайраг æфсымæртæ гуырдзиаг лабурджыты ныхмæ куы рацыдысты æмæ сæ Цхинвалмæ куы нæ бауагътой. Уыцы стыр сгуыхтдзинад кæддæриддæр сæрыстырæй мысдзыстæм, фидæны фæлтæртæн та уыдзæн фæзминаг.

Ныртæккæ Иры зæххыл цæуы Джеоргуыбайы къуыри æмæ уын æххуысгæнæг уæд!

Стыр Хуыцау уын æрхæссæд æнæкæрон хорздзинæдтæ. Сызгъæрин Уастырджи уæ кæддæриддæр фыдбылызæй хизæд æмæ уæ йæ рахиз базыры бын дарæд!

Ыæ абонæй нæ фидæн рæсугъддæр уæд!»