Поздравление с Днем образования Государственной службы охраны Республики Южная Осетия
Алан Гаглоев посетил итоговый концерт Государственного ансамбля песни и танца «Симд»
Телефонный разговор с и.о. Президента Республики Абхазия Бадрой Гунба
Все новости
Алан Гаглоев посетил итоговый концерт Государственного ансамбля песни и танца «Симд»
Телефонный разговор с и.о. Президента Республики Абхазия Бадрой Гунба
Алан Гаглоев: «Спецслужбы уверенно выполняют свой долг»
Все фото
Церемония вручения государственных наград
Все видео
Поздравление с Днем матери
Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Фысджыты цæдисæн æмæ «Фидиуæг»-ы редакцийы коллективæн журналы 95-азон юбилейы цытæн.
Æрфæйы телы дзырдæуы:
«Уæздан ирон фысджытæ,
журнал «Фидиуæг»-ы редакцийы коллектив,
нæ мадæлон ирон æвзагыл аудджытæ!
Абон мах цы «Фидиуæг»-ы 95-азон юбилей нысан кæнæм, уымæн дзæвгар сты йæ лæггæдтæ ирон адæмы раз, ирон æвзаджы раз.
«Фидиуæг»-æн рухс чи фенын кодта æмæ йæ Иры алы горæт æмæ хъæумæ чи хæццæ кодта, уыдон уыдысты ирон адæмы раззагондæр интеллигенцийы минæвæрттæ, нæ адæмы разагъта лæгтæ.
Редакци абон дæр йæ алыварс æмбырд кæны ирон литературæ, рухсад æмæ аивады хуыздæр минæвæртты. Хæццæ кæны адæммæ ирон литературæйы хуыздæр уацмыстæ, раззагон аивадон, зонадон æмæ философон хъуыдытæ. Æвзонг фысджытæн уæрæх фæндаг байгом кæны ирон литературæйы дунемæ.
Зæрдылдаринаг у уый дæр, æмæ ирон адæмы уарзондæр фысджытæй бирæтæ уыдысты нæ паддзахады бындурæвæрджыты ‘хсæн: Дзуццаты Хаджи-Умар, Икъаты Владимир, Галуанты Людмилæ æмæ æндæртæ. Гуыцмæзты Алеш та йæ цард дæр радта æвирхъау хæсты йæ адæмы сæрвæлтау.
Сæ хъæздыг аивадон æмæ патриотон фарн макуы байсысæд!
Уый та бирæбæрцæй у сымахæй кæнгæ!
Сæрмагондæй арфæ кæнын Фысджыты цæдисæн Хъазиты Мелитоны сæргълæудæй, афтае ма журналы редакцийы коллективæн.
Адæмы хорзæх уæ уæд!»