Цъорбисы хъæубæстаейы сабиты ныййарджытæ æмæ сабидоны кусджытæ раарфæ кодтой Президент  Тыбылты Леонид Харитоны фыртæн Цъорбисы æнаеххæст астæуккаг скъола оптимизацигонд кæй æрцыд æмæ дзы конд кæй æрцыд сабидон, уый сæраппонд. Сидты бæлвырддæрæй дзырд цæуы:

«Мах, Цъорбисы хъæуы скъолайы агъоммæйы сабиты рæвдауæндоны сæргълæууæг Цхуырбаты Залина Григорийы чызг, æд коллекитив, сабиты ныййарджытæ, хъæуы цæрджытæ, бузныг стæм ахæм стыр лæварæй. Сентябры мæйы 2016 азы Цъорбисы æнæххæст астæуккаг скъола оптимизацигонд кæй æрцыд.

Кæй зæгъын хъæуы ахæм цаутæ мæгуырады ‘рдæм æндавынц хъæубæстыл. Хъæубæсты ахуырадон уагдон æнæмæнхъææг у!

Нæ райрухсады сæргълæууæг Гæбæраты Эльвира  Ефимы чызг æвæстиадæй , æанæфæтыхсгæйæ, арæхсгæйæ бацыд ацы стыр цаумае – загъта, зæгъгæ сабидон дзы конд æрцæуæт.

Ацы инициативæ фæцыд районы администрацийы сæргълаеууæг Джиоты Рустам Герасимы фырты зæрдæмæ, æмæ иумиаг тыхтыл æнæбацаурдгæйæ æрывнæлдтой ацы хъуыддагмæ.

Бынæттон администрацийы сæргълæууæг Дзæгъиаты Елена Ерастийы чызджы хайбавæрд дæр дзы бира ис, æвиппайды цæрджытыл айхъуысын кодта, цæмæй сæ сабиты рæвдауаендонмæ бацæттæ кодтаиккой. Кæй загъын æй хъæуы, инициатива хорз у, фæлæ æнæ Президент  Тыбылты Леонид Харитоны фырты бардзырдæй, æмæ хицауады рахастгонд уынаффæйæ хъуыддагæн уæвæн нæ уыд.

Цытджын  Тыбылты Леонид Харитоны фырт!

Стыр бузныг уын зæгъæм хъæубæсты, сабиты ныййарджыты æмæ сабидоны кусджыты номæй хорздзинад тауыныл уæхиуыл æнæаууæрдгæйæ уæ ноджыдæр адæмы хорзæх уаент!

Ног аз уын ног хорздзинæдтæ æрхаессæт аед бинонтæ. Ныфс нæ уыдзæн дарддæр дæр уе ‘стыр хайбавæрдон куыстыты уын æнтыстытæ кæй уыдзæн. Архайут уæхскуæзæй Хуссар Ирыстоны райрæзт размаецыдыл, йае сабырдзинадыл æмæ æмхуызонæй уæ фарсхæцæг стæм цæмæй дыккаг туры президентон æвзæрстыты дæр уат дарддæр дæр Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг. Ныфс нае уыдзæн, сабидоны кусджыты æмаæ сабиты зæрдæтæ кæй барухс кæндзæн. Нæ æппæт хъуыдыты æлхынцъ кæнæм кухфыстытæй. Бузныг уын разваелгъау»!