Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта зындгонд адæмон фыссæг, æхсæнадон архайæг, профессор Джусойты Нафийæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Нæхи цытджын Нафи,

Зæрдæбын æмæ хъæрмудæй Дын арфæ кæнын Дæ райгуырæн боны цытæн.

Ирон литературæйы нымад патриарх, диссаджы курдиатджын лæг, Ирыстоны зынгзæрдæ патриот, Ды Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгад саразынмæ æмæ сфидар кæнынмæ, национ зонадмæ æмæ литературæмæ саргъ кæнæн кæмæн нæй, ахæм хай бахастай.

Дæ дæргъвæтин цардвæндаг ног фæлтæртæн у ирд цæвиттон, Дæхицæн та бæрзонд у Дæ кад ирон адæмы ‘хсæн, чи Дæ зоны, æппæт уыцы адæмы ‘хсæн.

Фидарæй мæ уырны, Дæ хъæздыг фæлтæрддзинад, зынгæ ахуыргонды æнæфæцудгæ авторитет æмæ ныййарæг адæммæ иузæрдион уарзт ноджы бирæ азты кæй лæггад кæндзысты райгуырæн Ирыстонæн.

Дæ райгуырæн боны цытæн Дын мæ зæрдæ зæгъы ноджы бирæ азты цæрæнбон, æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ нæ адæмы хæрзæбонæн».