Цытджын делегаттæ æмæ æрхонгæ минæвæрттæ!

Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Бар мын раттут, æмæ уын ирон адæмы æппæтдунеон VIII уанелы трибунайæ зæрдæбынæй  раарфæ кæнон куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады æмæ йæ цæрджыты номæй, афтæ ма сæрмагондæй мæхи номæй дæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырад, фидар æнæниздзинад æмæ кæрæдзи æмбарындзинад. Ног уæлахизтæм уын Стыр Хуыцау æмæ Ирыстоны зæдтæ  фæндæгтæ бацамонæнт!

Сæрмагондæй мæ фæнды бахахх кæнын нæ фембырдæн цы стыр нысаниуæг ис, уый. Абон Дзæуджыхъæумæ фæуазæг сты канд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ нæ, фæлæ ма куыд  Уæрæсейы Федерацийы бирæ субъекттæй, стæй уæд раздæры советон республикæты ирон цæрджыты делегаттæ, афтæ ма æгæрыстæмæй дард фæсарæн бæстæты нын цы диаспоратæ ис, уыдоны равзаргæ адæймæгтæ. Мæнæн тынг æхсызгон у, абон ацы галуаны æз уыйæппæт æвзаргæ ирæтты кæй уынын. Уæ цæрæнбонтæ уын Хуыцау бирæ фæкæнæт! Ахæм фембæлдтытæн ис егъау нысаниуæг. Уыдон нын фадат дæттынц кæрæдзийæн  æргомæй æмæ æмхъæлæсæй нæ ныхастæ зæгъынæн. Ахæм фембæлдтыты ма æз уынын ирон адæймаджы хъуыды, йæ катай æмæ йæ фæндтæ дунейыл айхъуысын кæнынæн эффективон механизм. Массон информацийы хъусынкæнинæгты фæрцы дунейыл айхъуысдзæн ирон ныхас, чи ма нæ нæ зоны, уыцы паддзахадтæ цымыдис кæндзысты, алæма цы бæстæ у æмæ кæм ис, зæгъгæ, Ирыстон æмæ чи сты ирæттæ.

Уымæй дарддæр ма нæ абоны фембæлд махæн фадат скодта æргом ныхас кæнынæн, нæ æнтыстытыл иумæйагæй бацин кæнынæн, нæ катайæгтыл æрдзурынæн, нæ разы цы хæслæвæрдтæ æмæ проблемæтæ сæвзæры, уыдоныл иумæйагæй сæ аскъуыддзаг кæныны фæндæгтæ арынæн. Стыр нысаниуæг ис лæгæй лæгмæ де мзæххонтимæ куы базонгæ уай, уæд уымæн дæр. Афтæ фидардæр кæнынц нæ бастдзинад, нæ иудзинад æмæ нæ националон æнкъарæнтæ.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Ныртæккæ ам уæ разы, ома бæрзонд æмбырды раз, ирон адæмы цытджындæр минæвæрдты раз, æз ныхасы рацыдтæн куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент, куыд ирон адæмæн йæ хъæбатыр, ныфсхаст æмæ сæрибаруарзаг хуссар хайы къухдариуæггæнæг.  Æз уæ хъусдард ацы хабармæ уый тыххæй аздахтон, цæмæй йæ ноджы иу хатт бахахх кæнон фыццаг хатт ирон адæмæн, ома иумæйагæй махæн, нæ къухты кæй бафтыт стыр æнтыст. Мах нæ сæрмагонд паддзахад XIII æнусы фесафтам, æмæ уæдæй фæстæмæ нæ фыдæлтæ хъæбатыр тох фæкодтой йæ сæндидзыныл. Уыдонæй мингай адæймæгтæ сæ цард нывондæн æрхастой Ирыстоны сæрибардзинады сæрвæлтау. Авд æнусы бæрц бахъуыд мах уыцы тохы фæндагыл рацæуын, кæцы нæ æркодта стыр уæлахизмæ. Æмæ ныр æхсæз азæй фылдæр Ирыстоны йæ иу хайы æнтысгæйæ уæвынад кæны Республикæ Хуссар Ирыстон – нымад æмæ хæдбар паддзахад! Æвæццæгæн бирæ ницы фæрæдийдзæн, афтæ куы зæгъон, зæгъгæ ирон адæмæн ацы æнтыстæн  банымайæн ис сæ сæйрагдæр уæлахизыл.

Æз ныртæккæ уæлдай хъусдард ацы темамæ уый тыххæй аздахтон, цæмæй ноджы иу хатт бахахх кæнон, Ирыстон йæ хæдбардзинад кæй сæндидзын кодта, уый кæй у махæн нæ иумæйаг стыр æнтыст. Æз фидарæй зонын, махæн, ома æрмæст Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, цы фæнды хъæбатыр ма уой сæ хъахъхъæнджытæ, уæддæр нæхи тыхтæй, нæ цæгаттаг хоты æмæ æфсымæрты æнæ æххуыссæй, уыцы стыр уæлахиз нæ къухты кæй нæ бафтыдаит. Егъау уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы хисæрмагонд хайбавæрд. Абон мæн сæрмагондæй бахахх кæнын фæнды ацы цау. 8 августы Ирыстоны хуссар хайыл ихау нæмыг куы уарыд, æгæрæстæмæй тасæй арвыл мæргътæ дæр куы нал тахтысты, уæд сæумæрайсомæй знаджы бомбæтæм æнæкæсгæйæ нæм æрцыд нæ цæгаттаг æфсымæр Мамсыраты Таймураз. Стыр нысаниуæг уыд йе рцыдæн. Уый йыл чизоны йæхæдæг дæр нæ ахъуыды кодта, кæуылты ныфс бауагъта йе рцыдæй Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнгджыты æмæ æмткæй йæ цæрджыты зæрдæты. Æз æнхъæл дæн, æмæ мын мæ ныхæсты рæстдзинадыл æсразы уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны уæды Президент Кокойты Эдуард дæр, кæцыйыл абон æххæст кæны 50 азы æмæ йын зæрдæбынæй арфæ кæнын.

Мах ма бæрцæй æнкъардтам Уæрæсейы Федерацийы алы къыумты цæрæг ирæтты æххуыс. Мæнæн нæй уый гæнæн, æмæ ардыгæй, ацы кадджын æмæ цытджын куырыхонты раз бузныджы ныхæстæ ма зæгъон дард фæсарæнты цы ирæттæ цæрынц, уыдонæн, уæлдайдæр та Турчы æмæ Сирийы бæстæты цæрæг ирæттæн. Мах æй хорз зонæм, уыдон уым цы стыр куыст бакодтой 2008 азы Майрæмы, ома августы мæйы, цы акцитæ кодтой Гуырдзыстоны æмæ къорд æндæр бæстæты минæварадты раз. Уый махæн тынг æххуыс уыд. Уæ ныфс нын кæддæриддæр бирæ уæт!

Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абон нæ тохыл дзургæйæ, не стыр уæлахизы кой куы фæкæнæм, уæд махæй рох ма хъуамæ уа, нæ ирвæзынгæнæг Стыр Уæрæсе кæй уыд. Мæ ныхæстæ гуырысхойаг не сты æмæ сыл дызæрдыг дæр мачи кæнæт. Тæссаг фыны дæр мæ нæ фæнды фенын, цы бон акодтаит Хуссар Ирыстоныл дыууæ мин æстæм азы Майрæмы, ома августы мæйы гуырдзиаг агрессийы ныхмæ тохы нæ фарсмæ Уæрæсейы гарзджын тыхтæ куыннæ æрбалæуыдаиккой. Бауырнæт алкæйдæр, ныртæккæ ам кæй нæ уаиккам мах. Æмæ ныр та æгæрон æххуыс кæны Уæрæсе махæн нæ экономикæ æмæ социалон фадыджы объектты сæндидзыны хъуыддаджы. Сæркъулæй бузныг зæгъын Уæрæсейы Федерацийы адæмæн, йæ гарзджын тыхтæн, æмæ сæрмагондæй та йæ бæрзонддæр политикон къухдариуæггæнджытæн В. Путины æмæ Д. Медведевы сæргълæудæй.

Уæлдæр кæй банысан кодтам, уыцы æгæрон æххуысæн ныртæккæ ис стыр, æгæрæстæмæй ма символикон нысаниуæг дæр. Символикон нысаниуæгыл дзургæйæ, мæнæн мæ хъуыдыйы ис ацы бонты дыууæ сæдæ цыппор азы кæй æххæст кæны иумæйаг Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бацæуыныл. Уый уыд нæ уæздан фыдæлты бархи æмæ уæды уавæрты альтернатива кæмæн нæ уыд, ахæм егъаудæр историон цау. Нæ уæздан куырыхонты уæды тæрхон раст кæй уыд, уый бæлвырдæй сбæрæг кодта Ирыстоны дарддæры истори.

Вазыгджын æмæ хæстарыд историон фæндæгтыл рацыд Ирыстон. Нæ адæмæй рох не сты сæрибардзинадыл тохтæ куыд Цæгаты, афтæ Хуссары дæр. Дыууынæм æнусы не мзæххонтæй бирæтæ бабын сты революцион тохты, граждайнаг æмæ фыццаг дунеон хæсты быдыртыл, Сталины культы репресситы фæстиуæгæн, уæлдайдæр та Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдыртыл. Мах бавзæрстам Михаил Горбачевы афтæ хуыйнæг «рацæрæзты», ома «перестройка» — йы æбуалгъ фæстиуджытæ. Ирыстоны зæххыл та ныннæрыд тугкалд хæсты хъæр. Мингай не мзæххоны хæсты амæттаг фесты. Уымæй дарддæр ма ныл æрдзы тыхтæ дæр хинæй разылдысты. Цалдæр хатты бавзæрстам ахæм зæхæнкъуыстытæ, кæцыты фæстиуæгæн фæмардысты не мзæххонтæй бирæтæ, нæ хъæутæй цалдæры æмæ Дзауы районон центры иунæг æнæхъæн хæдзар дæр нал баззад. Стыр зиан нын æрхастой зæйтæ æмæ донивылдтытæ.

Фæлæ ныл нæдæр цыфыддæр æзнаг, нæдæр æрдзы фыдмитæ нæ фæтых сты. Нæ ныл фæтых сты æрмæст дæр уымæн, æмæ Стыр Хуыцау æмæ Сыгъзæрин Уастырджимæ кувгæйæ сæ ныхмæ фæлæууыдыстæм æфсымæртау иумæ, æнгомæй, нæ кадджын фыдæлтæ нын куыд амыдтой, афтæ.

Ныртæккæ кæд сабырад ныббиноныг ис Ирыстоны зæххыл æмæ цадæггай нæ къæхтыл лæууын райдыдтам, уæддæр уый нæ нысан кæны, æмæ нæ иудзинад нал хъæуы. Бæгуыдæр, абон, коммунистон идеологийæ базарадон ахастытæм рахизгæйæ, глобализацийы уавæрты  нæ националон иудзинадæн йæ нысаниуæг  бæрæг бæрзонддæр кæны. Æз сидын алкæцы иронмæ кæм цæры, уымæ æнæкæсгæйæ, абон мах кæрæдзи куыннæ бамбарæм, уæд райсом, мыййаг, æрæгмæ куы уа. Акæсæм ма нæ алыварс сыхæгтæм, кæрæдзийыл куыд хæцынц. Тæхуды дæр ма сæм фæкæнын. Махмæ та нырма дæр фехъусæн ис, уый, зæгъгæ, къуыдайраг у, иннæ та дыгурон. Иу армы тъæпæны бæрц стæм, æмæ нæ кæд фæнды æмæ ма иннæ адæмты æмрæнхъ махæн дæр фидæн уа, уæд нæ хъæуы кæрæдзи бамбарын. Мах хъуамæ кæрæдзийы рыстæй риссæм. Мæнмæ, куыд хуссайраг иронмæ, хъыг цы фæкæса, уый ма хъуамæ бахæссит йæ сæрмæ мæ цæгаттаг æфсымæр. Не хсæн мауал хъуамæ уа бынат ахæм цаутæн, æмæ иуæй нæ сылгоймæгтæ сæ саутæ нæма систой, афтæмæй иннæтæ та йæ хъæбулты марджытимæ кафгæ кæнынч æмæ сæ курорттæм дæлфадихсыд фесты. Махæй æмхуызон рыстæй риссынц Зары, Беслæны æмæ Хъæрмæдоны трагедитæ æмæ афтæ дæр хъуамæ уа. Фыдбылыз уа, æви цины хабар, мах хъуамæ кæрæдзи фарсмæ уæм кæддæриддæр.

Нæ иудзинады кæй ис нæ тых, уый хъуамæ алкæцы ирон адæймаг йæхицæн царды девизы бынаты сæвæра. Мæнæн тынг æхсызгон у, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн æфсымæрон æмахастытæ кæй райтынг сты. Цæвиттон, æсарæх сты иумæйаг зонадон конференцитæ, спортивон æмæ культурон мадзæлттæ. Стыр нысаниуæг ис нæ фысджыты цæдистæ кæй баиу сты, уымæн. Æз алы амæлттæй дæр архайдзынæн, цæмæй уыцы интеграцион процесстæ дарддæр рæзой.

Мæ цыбыр раныхасы кæроны мæ фæнды ирон æвзагы хъысмæтыл æрдзурын. Æз хъуыды кæнын нæ фыццаг уанелы ныхасы рацæуджытæй бирæтæ уырыссаг æвзагыл кæй дзырдтой. Нæ фæсарæйнаг ирæттæй сæ фылдæр уыдоны нæ бамбæрстой. Ныр абон мах дзурæм æрмæстдæр иронау, æмæ уый æхсызгон у махæй алкæмæн. Афтæ дæр хъуамæ уа. Фæлæ, хъыгагæн ирон æвзаджы фидæны хъысмæт мæ зæрдæйы тæссаг æнкъарæнтæ æвзарын кæны. Мæн ныфс ис, куыд Цæгаты, афтæ ма Хуссары дæр ирон æвзаджы райрæзты фæдыл цы сæрмагонд программæтæ ист æрцыдысты, уыдон æххæстгонд кæй æрцæудзысты. Æмбæлон хъусдард хъуамæ аздахæм нæ фæсивæды хсæн хъомыладон куыстмæ дæр. Нырыккон ногдзинæдтæ хъуамæ биноныг цæуой не взонг фæлтæры минæвæртты хсæн ирон фыдæлтыккон æгъдауы æмдзу. Уæд мах æсхъомыл кæндзыстæм æцæг размæдзыд патриотты, кæцытæн бантысдзæн Ирыстон ног бæрзæндты фæндæгтæм срæвдз кæнын.

Æз галуаны уынын бирæ уæздан, цæвиттойнаг куырыхон хистæрты, æвзонг патриоты, нæ нацийы раззагондæр минæвæртты. Сымах ардæм æрæмбырд кодтой нæ бæстæйы æмæ нæ адæмы сомбоныл катай, æгæрон уарзондзинад нæ культурæ, не гъдау æмæ нæ историйыл хъуыдытæ. Сымах уынгæйæ, мæн фидарæй уырны нæ абоны уанел æнтысгæ куыст кæй бакæндзæн, æмæ уæ бакуыстгонд уынаффæтæ ахъаз кæй фæуыдзысты нæ разы цы стыр проблемæтæ лæууы, уыдон æнтысгæйæ аиуварс кæнынæн.

Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Кæронбæттæны уын зæгъдзынæн, хæрз æрæджы нæ уанелы хæдразмæ сахар Цхинвалы Хуссар Ирыстоны хайад цы конференции скодта, уым не стыр ахуыргонд Джуссойты Нафи йæ раныхасы Костайы зындгонд æмдзæвгæйæ ахæм скъуыддзаг бакаст: «Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, куы бафидин искуы мæ хæс…»

Нафийæн æнæнхъæлæджы нæ уыд уый. Поэты ацы гениалон рæнхъытæ домынц махæй, цæмæй нæ алчи дæр æнкъара йе стыр хæс дзыллæйы раз, йæ бæстæйы, æмæ йæ раттæг адæмы раз.

Стыр бузныг уын зæгъын, кæй мæм байхъуыстат, уый тыххæй. Алкæй цæрæнбонтæ уын Хуыцау бирæ фæкæнæнт.

Арфæгонд ут!