Зынаргь æмбæстæгтæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн. Абон нæ мадæлон æвзаг йæ райрæзты фæндагыл лæуд у, æмæ нæ республикæйы къухдариуæгад æппæт амæлттæй архайы йæ фидæныл. Нæ республикæйы хæдбардзинад расидын æмæ йæ банымайын махæн неʻвзаг сæндидзын æмæ райрæзты фæндагæй аиуварс кодта цæлхдуртæ, æмæ нæ ныр ницыуал хъыг дары. Уый сæраппонд ист æрцыдысты ахæм ахсджиаг документтæ, куыд Закъæттæ паддзахадон æвзæгты тыххæй, ирон мыггæгты тыххæй, географион нæмтты тыххæй. Сæрмагонд бынат ахсы ирон æвзаджы райрæзты Паддзахадон Программæ. Уый бындурыл егъау куыст кæй цæуы нæ мадæлон æвзаг сæндидзын æмæ йæ дарддæры райрæзтыл, уый бæрæг у. Мах дарддæр дæр архайдзыстæм йæ сæххæст кæныныл.

Нæ дзыллæйады хъуамæ алчидæр æмбара, куыд хъæзныг хæзна нын ныууагътой нæ уæздан фыдæлтæ. Ирон æвзагы руаджы дуне базыдта Нарты кадджытæ, ирон æвзагыл фыст æрцыдысты æнæамæлгæ уацмыстæ, ирон æвзаг нымад у дунейы æндæр æвзæгты æмрæнхъ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бæлвырд бындур у нæ мадæлон æвзаджы дарддæры райрæзтæн. Мæн абон зæгъын фæнды бузныджы ныхæстæ нæ интеллигенцийы минæвæрттæн. Ахуыргæндтæн æмæ ахуыргæнджытæн, нæ цытджын фысджытæн æмæ массон информацийы кусджытæн, йæ мадæлон æвзаг зынаргь кæмæн у æмæ йæ райрæзтыл æнувыдæй чи архайы, æппæт уыдонæн. Фæлæ мадæлон æвзаг мах хъуамæ уарзын кæнæм сабийы карæй. Уый тыххæй та фыццаджыдæр йæ хъысмæт баст у бинонтыл. Сывæллон йæ мадæлон æвзаг бауарздзæн æрмæстдæр уæд, йæ хæдзары йæ ныййарджытæй куы хъуса æмæ йыл куы дзура, уæд.

Мæн фидар ныфс ис, дарддæр дæр нæ тых æмæ нæ фæрæзтæ кæй нæ бахæлæг кæндзыстæм нæ уарзон мадæлон æвзаг райтынджы сæраппонд. Мадæлон æвзаджы райрæзт æмæ йæ уæвынад у ирон адæмы сæйрагдæр хæс.

Æнустæм цæрæнт ирон æвзаг æмæ ирон æвзагыл дзурæг адæм!